Хетӕгкаты Къостайы ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд "Ирон фӕндыр" фӕнд кӕнынц ратӕлмац кӕнын китайаг ӕмӕ арабаг ӕвзӕгтӕм. Уый тыххӕй Цхинвалы пресс-конференцийы рӕстӕджы фехъусын кодта Цӕгат Ирыстоны фысджыты цӕдисы сӕрдар Хозиты Борис.
https://sputnik-ossetia.com/20261014/khetagkaty-kostayy-iron-fandyr-fand-kanynts-ratalmats-kanyn-kitayag-ama-arabag-avzagtam-41620195.html
Хетӕгкаты Къостайы "Ирон фӕндыр" фӕнд кӕнынц ратӕлмац кӕнын китайаг ӕмӕ арабаг ӕвзӕгтӕм
Хетӕгкаты Къостайы "Ирон фӕндыр" фӕнд кӕнынц ратӕлмац кӕнын китайаг ӕмӕ арабаг ӕвзӕгтӕм
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хетӕгкаты Къостайы ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд "Ирон фӕндыр" фӕнд кӕнынц ратӕлмац кӕнын китайаг ӕмӕ арабаг ӕвзӕгтӕм. Уый... 14.10.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-10-14T15:18+0300
2026-10-14T15:18+0300
2026-10-14T16:33+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
аивад
культурӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/0a/0e/41619864_0:0:1280:721_1920x0_80_0_0_14fcd3b756d934a963d24e46c06e45c3.jpg
ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хетӕгкаты Къостайы ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд "Ирон фӕндыр" фӕнд кӕнынц ратӕлмац кӕнын китайаг ӕмӕ арабаг ӕвзӕгтӕм. Уый тыххӕй Цхинвалы пресс-конференцийы рӕстӕджы фехъусын кодта Цӕгат Ирыстоны фысджыты цӕдисы сӕрдар Хозиты Борис.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, организацийы сӕргъы куы лӕууы, уыцы рӕстӕгмӕ ӕмбырдгонд ратӕлмац кодтой англисаг, французаг, уырыссаг ӕмӕ испайнаг ӕвзӕгтӕм."Бынтон ӕрӕджы нын ацыд презентаци испайнаг ӕвзагыл. Фӕнды мӕ бузныг зӕгъын не ‘мзӕххон Къусаты Азӕмӕтӕн, Колумбийы минӕварады фыццаг секретарӕн. Уый нын ссардта тынг хорз поэты Колумбийы, цӕмӕй ратӕлмац кӕна ӕмбырдгонд", - банысан кодта Хозиты Борис.Ныр та "Ирон фӕндыр" фӕнд кӕнынц ратӕлмац кӕнын китайаг ӕмӕ арабаг ӕвзӕгтӕм. Китайаг тӕлмацыл бакусыны фӕдыл Хозиты Борис бадзырдта профессор Ӕлборты Иванмӕ, уымӕн ис бастдзинад Китайимӕ ӕмӕ аз дыууӕ хатты та кӕсы лекцитӕ. Уымӕн бахӕс кодтой ссарын номдзыд китайаг поэты, кӕцы ратӕлмац кӕндзӕн "Ирон фӕндыр".Арабаг ӕвзагмӕ тӕлмацыл бакусыны фӕдыл та Хозиты Борис фӕнд кӕны ӕрбаздахын йӕ зонгӕты арабаг бӕстӕтӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
252
60
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
252
60
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
252
60
1920
1080
true
1920
1440
true
1920
1920
true
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
252
60
Sputnik Хуссар Ирыстон
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, аивад, культурӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, аивад, культурӕ
15:18 14.10.2026 (Ранӕуӕггонд: 16:33 14.10.2026)
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хетӕгкаты Къостайы ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд "Ирон фӕндыр" фӕнд кӕнынц ратӕлмац кӕнын китайаг ӕмӕ арабаг ӕвзӕгтӕм. Уый тыххӕй Цхинвалы пресс-конференцийы рӕстӕджы фехъусын кодта Цӕгат Ирыстоны фысджыты цӕдисы сӕрдар Хозиты Борис.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, организацийы сӕргъы куы лӕууы, уыцы рӕстӕгмӕ ӕмбырдгонд ратӕлмац кодтой англисаг, французаг, уырыссаг ӕмӕ испайнаг ӕвзӕгтӕм.
"Бынтон ӕрӕджы нын ацыд презентаци испайнаг ӕвзагыл. Фӕнды мӕ бузныг зӕгъын не ‘мзӕххон Къусаты Азӕмӕтӕн, Колумбийы минӕварады фыццаг секретарӕн. Уый нын ссардта тынг хорз поэты Колумбийы, цӕмӕй ратӕлмац кӕна ӕмбырдгонд", - банысан кодта Хозиты Борис.
Ныр та "Ирон фӕндыр" фӕнд кӕнынц ратӕлмац кӕнын китайаг ӕмӕ арабаг ӕвзӕгтӕм. Китайаг тӕлмацыл бакусыны фӕдыл Хозиты Борис бадзырдта профессор Ӕлборты Иванмӕ, уымӕн ис бастдзинад Китайимӕ ӕмӕ аз дыууӕ хатты та кӕсы лекцитӕ. Уымӕн бахӕс кодтой ссарын номдзыд китайаг поэты, кӕцы ратӕлмац кӕндзӕн "Ирон фӕндыр".
Арабаг ӕвзагмӕ тӕлмацыл бакусыны фӕдыл та Хозиты Борис фӕнд кӕны ӕрбаздахын йӕ зонгӕты арабаг бӕстӕтӕй.
| # | Наименование новости | Тональность | Информативность | Дата публикации |
|---|---|---|---|---|
| 1 | Цхинвалгæрон Дæллаг Гудзабары хъæуы райдыдтой асфальт кæнын централон фæндаг | 0 | 4.76 | 12-10-2026 |
| 2 | Цхинвал ӕмӕ Дзӕуджыхъӕу цӕттӕ кӕнынц Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн бонмӕ | 0 | 12.2 | 06-10-2026 |
| 3 | Цхинвалы дидинтӕ сӕвӕрдтой Хетӕгкаты Къостайы цыртдзӕвӕнмӕ | 0 | 6.17 | 15-10-2026 |
| 4 | Цхинвалы 15-аздзыд шофыр сарæзта авари | 0 | 10.37 | 14-10-2026 |
| 5 | Хъамболты Марат сæххæст кодта фыццаг кадрон ивындзинæдтæ РХИ хицауады | 0 | 3.83 | 16-10-2026 |
| 6 | Адæмон нывгæнæг Бедойты Шалвайæн фæстаг хæрзбон зæгъдзысты Мæскуы æмæ Дзæуджыхъæуы | 0 | 10.51 | 06-10-2026 |
| 7 | РХИ "Бӕгъиат"-ы заводы директоры хӕдивӕгмӕ зӕрдӕ ӕхсайы бюджетон ӕхцатӕ хи бакӕнынмӕ | 0 | 11.58 | 15-10-2026 |
| 8 | Хуссар Иры Ленингоры районы фидар кӕнынц Ксандоны донбылгӕрӕттӕ | 0 | 9.17 | 13-10-2026 |
| 9 | Уӕрӕсейы Централон банк баххуыс кӕндзӕн Хуссар Ирӕн фӕфылдӕр кӕнын информацион ӕдасдзинад | 0 | 10.95 | 13-10-2026 |
| 10 | Хъамболты Марат ӕмӕ Дмитрий Чернышенко бадзырдтой саразын РХИ туризмы райрӕзты стратеги | 0 | 10.34 | 15-10-2026 |